Райгуырд 1909-æм азы Къæмунтæйы. Фæстæдæр сæ цæрæн бынат раивтой Сырх-Дыгурмæ
Дзæуджыхъæуы номарæн фæйнæг байгом кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Гæбуты Гобейæн. Райгуырд 1909-æм азы Къæмунтæйы. Фæстæдæр сæ цæрæн бынат раивтой Сырх-Дыгурмæ. Гобе куыста хъæд лыг кæнæны, колхозы тракторыл. Йæ бон уыд кусгæйæ баззайын, фæлæ 1941-æм азы йе фсымæр Гаврилимæ ацыд фронтмæ. Гæбуты Гобе бахауд 1765-æм хицæн саперон батальонмæ æмæ арæзта хъахъхъæнæн кусæнгæрзтæ Мæздæджы бынмæ. 1942-æм азы æрвыст æрцыд Воронежы облæстмæ 174-æм мысанæхсæн дивизимæ. Уый хыгъды фæцыд йæ хæстон фæндæгтыл. Дыууæ хатты фæци уæззау цæфтæ, фæлæ та-иу ногæй атындзыдта Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ. Лæгдзинады æмæ хъæбатырдзинады тыххæй Гæбуты Гобе хорзæхджынгонд æрцыд дыууæ майданæй: «Хъæбатырдзинады» тыххæй, стæй Германийыл уæлахизы тыххæй. У Намысы ордены 3-аг æмæ 2-аг къæпхæны кавалер. Фæстæдæр 1972-æм азы йын лæвæрд æрцыд «Октябры революцийы » орден.




