филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:33 воскресенье, 01 февраля 2026
21 ноября 2023, 11:10
Дзæуджыхъæуы номарæн фæйнæг байгом кодтой Саулаты Харитонæн

Пъæлицæйы майор службæ кæнын райдыдта 1928-æм азы

Дзæуджыхъæуы номарæн фæйнæг байгом кодтой, йæ рæстæджы участоктыл кусæг пъæлицæйæгтæй хуыздæртæй иу – Саулаты Харитонæн. Пъæлицæйы майор службæ кæнын райдыдта 1928-æм азы. Закъонхалджытимæ тох кæй кодта, уымæ гæсгæ йын лæвæрд æрцыд бирæ хæрзиуджытæ. Харитон у Сырх тырысайы æмæ Сырх стъалыйы орденты кавалер. Уæдæ йæ схорзæхджын кодтой Ленины номыл орденæй дæр. Мемориалон фæйнæг бакæныны кадджын мадзалы архайдтой мидхъуыддæгты министрады æмæ  пъæлицæйы æххæстбарджын участковыты службæйы минæвæрттæ, Харитоны бинонтæ, сæ мыггаджы минæвæрттæ, мидхъуыддæгты службæйы ветерантæ, стæй кадджын уазджытæ. Мадзал сбастой, пъæлицæйы æххæстбарджын участковыты службæйы равзæрдыл 100 азы кæй сæххæст, уыимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania