филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:44 понедельник, 01 июля 2024
03 марта 2022, 13:41
Дзæуджыхъæуы ныхас цыд, республикæйы программæ «Горæты æнцонвадат архайд» куыд æххæстгонд цæуы, ууыл

Æмбырд амыдта горæты муниципалон сконды сæрдар Икъаты Русланбег

Дзæуджыхъæуы администрацийы арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырд, æмæ дзы ныхас цыд, республикæйы программæ «Горæты æнцонвадат архайд» куыд æххæстгонд цæуы, ууыл. Æмбырд амыдта горæты муниципалон сконды сæрдар Икъаты Русланбег. Программæ арæзт у Дзæуджыхъæуы æнцонвадат æмæ хорз уавæртæ скæнынмæ. Уæлдай æргом здæхт цæуы, социалон æгъдауæй фæкæсынхъуаг чи у, ахæм адæммæ. Кæй зæгъын æй хъæуы – сæйрагдæр, инвалиды коляскæтæй чи пайда кæны, уыдонмæ. Программæ ахадгæ у ацæргæ адæмæн дæр, æнхъæлцау сылгоймæгтæн, чысыл сабитæн, стæй велосипедисттæн æмæ уæзæгтимæ чи цæуы, ахæм адæмæн. Икъаты Русланбег загъта, ацы фарста тынг актуалон кæй у, уый. Статистикæмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны цы 700 мин адæмйаджы цæры, уыдонæй 100 мины сты инвалидтæ. Уымæ гæсгæ фæсидт подрядон организациты разамонджытæм, цæмæй арæзтадон æмæ цалцæггæнæн куыстытæ куы кæной, уæд сæ хæстæм бæрнондæр цæстæй куыд кæсой. Боны фæткы сæйрагдæр фарстайы фæдыл бæстон докладтæ скодтой Дзæуджыхъæуы администрацийы транспорты æмæ фæндаггон арæзтады Управленийы хицау Гæтциты Артем стæй инвалидты æхсæнадон организаци «Независимая Жизнь»-ы цæгатирыстойнаг регионалон хайады сæрдар Сергей Саутин. Æмбырды бацархайдта Дзæуджыхъæуы Æхсæнадон советы сæрдар Михаил Шаталов, æмæ советы уæнгтæ. Бæстон ныхасы хатдзæгтæм гæсгæ, хаст æрцыд уынаффæ горæты æппæт къахвæндæгтæн æмæ пандустæн иртасæн куыст бакæнын, цæмæй се ппæт дæр дзуапп дæттой программæ «Горæты æнцонвадат архайд»-ы домæнтæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania