филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:15 суббота, 28 сентября 2024
11 февраля 2020, 18:10
Дзæуджыхъæуы офицерты хæдзары кад кодтой дыккаг æппæтуæрæсеон конкурс «Уæрæсейы намысы» архайджытæн

Йæ саразыныл бакуыста хæрзаудæн фонд “Статус”

Дзæуджыхъæуы офицерты хæдзары кад кодтой сывæллæтты сфæлдыстады дыккаг æппæтуæрæсеон конкурс «Уæрæсейы намысы» архайджытæн. Йæ саразыныл бакуыста хæрзаудæн фонд “Статус”. Архайдтой дзы нæ бæстæйы алы рæттæй минæвæрттæ. Конкурсмæ æрбарвыстой 12 мин куысты. Сæйраг темæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 75 азы  бон. Лæппутæ æмæ чызджытæ бацæттæ кодтой нывтæ æмæ нывæцæнтæ. Уым радзырдтой Фыдыбæстæйы хъæбатырты æмæ историон цауты тыххæй. Уæлахиздзаутæн кадгæнæн мадзæлттæм хуынд æрцыдысты Уæрæсейы хъæбатыртæ, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт архайджытæ, 58-æм æфсады æмæ 19-æм бригады службæгæнджытæ. Фыццаг хатт конкурс «Уæрæсейы Намыс» арæзт æрцыд 2018-æм азы. Уæд дзы архайдтой 470 куысты. Ныртæккæ сæ нымæц фæфылдæр. Кадджын мадзалы кæронбæттæн æмбырдуæвджытæн равдыстой документалон киноныв Уæрæсейы хъæбатыр Евгений Черняевы тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania