филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:11 вторник, 16 декабря 2025
01 августа 2024, 12:13
Дзæуджыхъæуы официалон æгъдауæй байгом харбызты æмæ неситы сезон

Харбыз æмæ неси æвзаргæйæ цæмæ хъæуы лæмбынæг кæсын, уый тыххæй радзурдзыстæм нæ программæйы

Рæгъæд, хæрзад, адджын… Дзæуджыхъæуы официалон æгъдауæй байгом харбызты æмæ неситы сезон. Уыдон уæй кæнынæн горæты бынæттон администраци амалхъом адæмæн радих кодта 65 сæрмагонд бынаты. Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды цæгатирыстойнаг упарвленийы специалисттæ та бæрæг кæнынц уæйгæнæн бынæттæ. Уæлдай æргом здахынц продукты хæрзхъæддзинады протоколтæм. Харбыз æмæ неси æвзаргæйæ цæмæ хъæуы лæмбынæг кæсын, уый тыххæй радзурдзыстæм нæ программæйы дарддæры сюжеты.

Се ппæтæн уарзон гагадыргъ горæты тæрхæджытыл. Июлы кæрон-августы райдианы харбызты сезон вæййы йæ тæмæны. Ис куыд уæрæсейаг хуызтæ, афтæ фæсарæйнæгтæ дæр. Ацы адджинаг йæ фынгыл фенын алкæйы дæр фæнды. Тæвд бонты дойныйæ хæрзад харбыз ацаходынæй хуыздæр ницы ис. Гагадыргъ æлхæнджытæ æвзарынц лæмбынæг. Ис алы хуызтæ харбызы рæгъæддзинад сбæрæг кæнынæн. Чидæр æй æрхойы, хъуамæ уа зæланг, чидæр та фæкæсы йæ къæдзилмæ кæнæ бур фæдтæм. Уæйгæнæг Дзугкаты Тимур куыд зæгъы, афтæмæй продукци ахадгæйæ æлхæнынц, уæлдайдæр та фæлладуадзæн бонты. Тæрхæджы раз сæвзæры рад харбыз æмæ несимæ.

Дзæуджыхъæуы ацы аз харбызтæ æмæ неситæ уæй кæнынæн снысан кодтой 65 бынаты. Горæты администраци саразы сæрмагонд аукцион. Уым амалхъом адæмы хсæн адих кæнынц уæй кæныны бынæттæ. Мэрийы куыд загътой, афтæмæй бадзырд чи бафыста, уыцы архайджыты хъæуы сæ уæйгæнæн бынæттæ сыгъдæг дарын.

Харбыз æвзаргæйæ ма цæст дарын хъæуы дыргъы æнæхъæндзинадмæ. Лыг кæнæ стыр фаз тæссаг сты бактеритæ бахауынæй. Харбызты алы партийæ дæр хуызæг æрвыст æрцæуы лабораторимæ. Ам специалисттæ сисынц сæрмагонд пробæ, кæцæй æрвыст у, уый нæ фæзонынц. Уый фæстæ пробæтæ цалдæр къæпхæны фæцæттæ кæнынц, æмæ радтынц кæронбæттæн хатдзæг. Сбæлвырд кæнынц гагадыргъы нитратты бæрц. Кæд 60 иуæгæй фылдæр нæу, уæд харбыз уæй кæнын ис.

Специалистты ныхæстæм гæсгæ, ацы аз гагадыргъæй хъæстæ чи баййæфта, ахæм цаутæ нæ уыд. Фæлæ уæддæр хъæуы къæрцхъус уæвын. Хæрыны размæ харбыз ныхсын, хи æвзæр банкъаргæйæ та афоныл дохтыры æххуыс бацагурын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania