09 ноября 2024, 11:53
Дзæуджыхъæуы Олег Кошевойы уынджы фæвæййынц фæндаг ноггæнæн куыстытæ
Ивынц дзы асфальт бетонимæ æмхæццæ уæлцъар
Дзæуджыхъæуы Олег Кошевойы уынджы фæвæййынц фæндаг ноггæнæн куыстытæ. Ивынц дзы асфальт бетонимæ æмхæццæ уæлцъар. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ныридæгæн куыстытæ 80 процентæн сæххæст кодтой. Цæттæ сты тротуартæ, сæвæрдтой бордюртæ, люктæ равæрдтой проекты куыд нысангонд сты, афтæ. Баззад ма фæндаджы цавæрдæр хæйттæ сцалцæг кæнын. Ныртæккæ дзы исынц зæронд бындур, уый фæстæ ныккалдзысты инертон æрмæджытæ, æмæ стæй сæвæрдзысты ног асфальт. Специалисттæ куыд загътой, афтæмæй нысанты ис, уынг æххæстæй мæйы кæронмæ сцæттæ кæнын.
темæмæ гæсгæ




