филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:07 суббота, 31 января 2026
14 апреля 2021, 10:18
Дзæуджыхъæуы политехникон техникум бæрæг кæны йæ 90 азы юбилей

Уыцы рæстæгмæ ахуыргæнæндонæй рацыдысты алы къабæзты мингай специалисттæ

Дзæуджыхъæуы политехникон техникум бæрæг кæны йæ 90 азы юбилей. Уыцы рæстæгмæ ахуыргæнæндонæй рацыдысты алы къабæзты мингай специалисттæ. Æмæ уый иунæг сæрыстырдзинад нæу. 1981-æм азы ГМТ сси «Адæмты хæлардзинад»-ы ордены аккаг. Техникум абон дæр Цæгат Кавказы у иунæг астæуккаг сæрмагонд ахуыргæнæндон, ахæм уæлдæр къæпхæны паддзахадон хæрзиуæг кæмæн радтой. 

Дзидзойты Валерий Хæххон металлургон техникумы ахуыр кодта фæндзай азы размæ. Абон дæр ын уыцы бынатмæ фæндаг нымад у æвзонджы бонтæм балцыл. Куыд зæгъы, афтæмæй æнусы рдæджы фæстæ дæр йæхи студентæй æнкъары.

Мæнæ фыццаг хатт къорд азты дæргъы бацыд зонгæ аудиторимæ. Ныр дæр ма хорз хъуыды кæны, кæцы партæйыл бадтис, уый.

Куыд загъта, афтæмæй хæххон-металлургон техникуммæ бацыдис, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты историон факультетмæ кæй нæ бахаудта, уый тыххæй. Уæд конкурс уыдис тынг егъау æмæ сеппæтæн сæ хъул сах нæ абадт. Цыппар азы дæргъы Валерий архайдта историон факультетмæ бацæуыныл æмæ йæ фæнд йæ къухы бафтыд. Фæлæ техникум мысы адджын фынау. Студенты бонты райдыдта рæстæгæн уæлдай аргъ кæнын, уымæн æмæ уæгъд рæстæг цы у, уый зонгæ дæр нæ кодта. Фæлæ йæхи сахуыр кодта дисциплинæйыл æмæ йæ нысантæм тырныныл. Ахуыр кодта электрон механикæйыл æмæ архайдта уæгъдибар хъæбысхæсты къорды.

Авд азы размæ хæххон-металлургон техникум фæуæрæхдæр кодта йæ авналæнтæ æмæ ссис политехникон. Ам ахуыр кæнынц æртындæс дæсныйадыл. Сæ рауагъдонты агурынц алы къабæзты. Уыимæ ма ахуырдзаутæн ис уæлæмхасæн райрæзты æндæр гæнæнтæ дæр. Ис сæм кафты ансамбль, спортивон секцитæ æмæ ма суанг КВН дæр.

Дзæуджыхъæуы политехникон техниумы ис æнæнхъæлæджы уавæрты хъахъхъæныны къабаз. Фæлæ йæ ахуыщщрдзаутæ куыд зæгъынц, афтæмæй фыццаджыдæр равзæрстой техникум, уый фæстæ та фидæны дæсныдзинад.

90 азы чысыл æмгъуыд нæу. Ацы юбилеймæ техникум зæрдиагæй тырныдта. Нæ респубикæйы рагондæр ахуыргæнæндæттæй иуы методикон мадзæлттæй кæддæр спайда кодтой Литва æмæ Латви, стæй Ленинграды облæсть. Дзæджыхъæуы политехникон техникум дарддæр хæццæ кæны хæххон-металлургон техникумы кад. Ахуыр дзы кæны иу мин студенты. Уыдон та хорз æмбарынц, сæ абоны ахуыр сæ фидæны бындур кæй у, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania