филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:00 суббота, 18 мая 2024
20 марта 2024, 11:32
Дзæуджыхъæуы Пушкины скверы райдыдтой аивгæнæн куыстытæ кæнын

Уый у, рагон Дзæуджыхъæу кæцæй райдыдта, уыцы бынæттæй иу

Дзæуджыхъæуы Пушкины скверы райдыдтой аивгæнæн куыстытæ кæнын. Уый у, рагон Дзæуджыхъæу кæцæй райдыдта, уыцы бынæттæй иу. Суанг 1899-æм азы горæты астæу сквер схуыдтой Александр Пушкины номыл. Абоны арæнты та фæзынд 1937-æм азы. 70-йæм азты кæронæй фæлладуадзæн зонæмæ фаг цæстдард нæ уыд. Ныр дзы фæнд кæнынц баивын зæронд брусчаткæ, рацараздзысты базальтон бордюртæ, базилдзысты зæронд æмæ ма сæвæрдзысты рухсыты ног цæджындзтæ, стæй ног бандæттæ æмæ урнæтæ. Банывыл кæндзысты, сквер æмæ æфсæддон госпиталы *хсæн къул дæр, стæй фæлладуадзæн зонæйы алыварс парапет. Фæзындзæн дзы цымыдисаг арт-объект дæр – Пушкины уацмысæй ахуыргонд гæды. Æппæт куыстытæ æххæстгонд цæуынц национ проект «Цæрæнуæттæ æмæ горæты тыгъдад»-ы  федералон программæмæ гæсгæ. Фæнд сæ кæнынц 1-æм сентябрьмæ фæуын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania