Уымæн æмæ бындурон арæзтады управлени подрядон организациимæ бадзырд фехæлдта
Дзæуджыхъæуы рагондæр скъолатæй иуы цалцæг рæстæгмæ æрлæууыд. Уымæн æмæ бындурон арæзтады управлени подрядон организациимæ бадзырд фехæлдта. Уый та зынгæ фæбæрæг уыдзæн, объект эксплуатацийы раттыны мгъуыдыл. Афтæмæй ахуырдзаутæн æндæр гæнæн нæ уыдзæн, æмæ сæ ахуыр адарддæр кæндзысты 26-æм скъолайы, уыимæ – 2 фæлтæрæй. Кæдмæ афтæ, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Сосранты Жаннæ радзурдзæн бæстондæр.
Сæ ног ахуыры азыл Дзæуджыхъæуы иуæндæсæм скъолайы ахуырдзаутæ сæмбæлдысты 26-æм скъолайы. Ам сын суæгъд кодтой сæрмагонд кабинеттæ, сарæзтой сын фадæттæ дыккаг фæлтæрæй ахуыр кæнынæн. 11-æм скъолайы цалцæггæнæн куыстытæ хъуамæ конд æрцыдаиккой дыууæ азмæ. Бындурон цалцæггонд ахуыргæнæндон нæ уыд 110 азы. Уыцы рæстæгмæ йæ къултæ аскъудысты, пъолтæ змæлын райдыдтой. Бæстыхайы уыд зæронд рудзгуытæ, актон залы та тæдзыд царæй.
2021-æм азы 19-æм апрелы, капиталон арæзтады управлени фехæлдта æмгуыстады бадзырд подрядон организациимæ, æмæ хаст æрцыд фæндон, цæмæй ногæй каст æрцæуа проектон-сметон гæххæттытæм. Уымæ гæсгæ куыстыты цыд урæд æрцыд. Ногæй скъолайы цалцæгмæ бавналынмæ хъавынц октябры. Уымæ тынг æнхъæлæмæ кæсынц канд 11-æм скъолайы ахуырдзаутæ нæ, фæлæ ма 26-æмы уæттæ дæр.
Цæгат Ирыстоны арæзтады министрады куыд зæгъынц, афтæмæй 11-æм скъола йæ куыст сног кæндзæн иннæ аз августы.




