филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:02 вторник, 17 марта 2026
13 марта 2026, 10:43
Дзæуджыхъæуы райдыдта æппæтуæрæсеон турнир футболæй лæппуты хсæн

Баст уыд Ирыстоны Хъæбатырты ном ссарынимæ

Дзæуджыхъæуы райдыдта æппæтуæрæсеон турнир футболæй лæппуты хсæн, æмæ баст уыд Ирыстоны Хъæбатырты ном ссарынимæ. Кадджын мадзал арæзт æрцыд футболы академи «Алани»-йы. Архайдтой дзы фæллойы æмæ социалон рæзты министр, Уæрæсейы Хъæбатыр Абайты Юрий, физкультурæйы æмæ спорты министр Фрайты Сослан, профцæдисты федерацийы сæрдар Касаты Таймураз. Се спортивон цæттæдзинад æвдисынц нæ бæстæйы алы регионтæй командæтæ: Дзæуджыхъæуæй, Цхинвалæй, Пятигорскæй, Махачкалайæ, Налцыккæй æмæ Кисловодскæй. Турнир саразыныл бакуыстой Уæрæсейы хæдбар профцæдисты Федераци, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы æххуысæй. Хъæзтытæ цæудзысты 15-æм мартъийы онг. Тыхджындæр командæтæ схорзæхджын кæндзысты кубоктæй æмæ майдантæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania