филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:21 понедельник, 15 декабря 2025
30 июля 2025, 10:39
Дзæуджыхъæуы райдыдта Гæбуты Ангелинæйы кубок рамбулыны æппæтуæрæсеон турнир теннисæй

Турниры архайынц спортсментæ Уæрæсейы алы регионтæй æмæ Белоруссийæ

Дзæуджыхъæуы райдыдта Гæбуты Ангелинæйы кубок рамбулыны æппæтуæрæсеон турнир теннисæй. Йæ байгом кæныны кадджын мадзалы уыдысты Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав.  Архайджытæн раарфæ кодтой, æмæ загътой, ерыстæн стыр нысаниуæг кæй ис, уый. Турниры архайынц спортсментæ Уæрæсейы алы регионтæй æмæ Белоруссийæ. Цæгат Ирыстонæй дзы ис 20 спортсмены. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Полина Конева у стыр теннисæй алыхуызон турнирты фæлтæрдджын архайæг. У раззагдæртæй иу æмæ иу хаттæй иннæмæ сфидар кæны йæ цæттæдзинады бæрзонд æмвæзад. Цæгат Ирыстонæй рацæугæ зындгонд спортсменкæ Гæбуты Ангелинæйы кубок рамбулыны æппæтуæрæсеон турнирмæ дæр йæхи ахадгæйæ цæттæ кодта. Фарон дзы бацахста дыууæ фыццаг бынаты. Ацы хатт дæр ахæм бæрæггæнæнмæ тырны.

Ерыстæ цæуынц 28-æм июлæй 2-æм августы онг теннисы академи «Асгард»-ы. Дыккаг аз Дзæуджыхъæу сси, курдиатджын теннисисттæн сæ бон сæ арæхстдзинад æппæтуæрæсеон æмвæзадыл равдисын кæм у, ахæм фæз. Архайджытæй иу у Мæргъиты Георгий. 10 азмæ йæ профессионалон карьерæйы хыгъды ис алы къæпхæны майдантæ. Рамбылдта сæ æппæтуæрæсеон æмæ æппæтадæмон турнирты. Куыд зæгъы, афтæмæй фароны бронзæ – хорз бæрæггæнæн у, фæлæ ацы аз йæ нысан у сыгъзæрин.

Турнир гом кæныны кадджын мадзалы уыдысты зындгонд спортсментæ, меценаттæ, республикæйы хицаудзинады минæвæрттæ. Архайджытæн раарфæ кодтой, æмæ загътой ерыстæн стыр нысаниуæг кæй ис, уый. Турниры архайынц спортсментæ Уæрæсейы алы регионтæй æмæ Белоруссийæ. Цæгат Ирыстонæй дзы ис 20 теннисисты.

Аразджытæ ерыстæ фæнд кæнынц æрвылазон скæнын. Гæбуты Ангелинæ куыд зæгъы, афтæмæй турниры нысан у Цæгат Ирыстоны стыр теннис парахат кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania