18 октября 2022, 10:46
Дзæуджыхъæуы райдыдта хъармгæнæн сезон
Горæты цæрджыты хæдзæртты хъарм фæзынд 15-æм октябры, æмбисæхсæв
Дзæуджыхъæуы райдыдта хъармгæнæн сезон. Горæты цæрджыты хæдзæртты хъарм фæзынд 15-æм октябры, æмбисæхсæв. Æппæты фыццаг хъарм ратдой социалон объекттæм — скъолатæм, сывæллæтты рæвдауæндæттæм, медицинон куыстуæттæм æмæ бирæуæладзыгон хæдзæрттæм. Цæрджыты удæнцойæн хъармгæнæн системæ æркусын кодтой фæлладуадзæн бонты, цæмæй сæ хъармгæнæн прибортæ сбæрæг кæной, уый тыххæй. Уый размæ та горæты администрацийы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Дзæуджыхъæуы сæдæ фондз хъармгæнæны æмæ цыппор цыппар хъармгæнæн пункты сты цæттæ. Уымæй уæлдай кусдзæнис сæрмагонд штаб. Уый бынæтты иуварс кæндзæн къуылымпыдзинæдтæ.
темæмæ гæсгæ




