филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:13 суббота, 28 сентября 2024
21 июня 2024, 11:39
Дзæуджыхъæуы райдыдта хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыст

Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады газы хъармгæнæны куыстытæм бавнæлдтой

Дзæуджыхъæуы райдыдта хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыст. Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады газы хъармгæнæны куыстытæм бавнæлдтой. Æххæстæй автоматизацигонд хъармгæнæн эксплуатацимæ радтой фарон. Конд у 2 модулæй. Æххæст у æппæтæй ногдæр æмæ тыхджындæр ифтонггæрзтæй. Ам зæххы бын ис артаджы 3 резервуары. Хъармгæнæн хызты дæргъ у фондзсæдæ метры бæрц. Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынады министрады цæрæнуæтты-коммуналон центрон управлени у, абарæн кæмæн нæй, ахæм, æмæ егъаудæр организаци бæстæйы. Йæ хъомыс дæтты, æнæ къуылымпыйæ æфсæддонты æмæ сæ бинонты æдзух хъармæй æххæст кæныны фадат.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania