филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:04 понедельник, 04 августа 2025
09 ноября 2023, 11:33
Дзæуджыхъæуы райдыдта Люся Вороновайы аивадон проект

Баст у мæскуыйаг нывгæнæджы 70 азы юбилейимæ

Дзæуджыхъæуы райдыдта Люся Вороновайы аивадон проект. Баст у мæскуыйаг нывгæнæджы 70 азы юбилейимæ. Равдыстмæ бахаста 80 куысты онг. Йе сфæлдыстады хъайтартæ сты сылгоймæгтæ, дидинджытæ, мæргътæ, дыргътæ æмæ халсартæ. Йæ алы куысты дæр бæрæг дарынц æрмдæсныйады хуызтæ. Автор йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ куыстыты орнамент нысан кæны хицæн символизм. Ома баиу кæны бонтæ, цаутæ æмæ хъуыдытæ. Алы нывы сæйрагдæр у цины æнкъарæн. Экспозицийыл куыст цыди 5 азы дæргъы. Равдыст байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Ходы Мæдинæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ Люся Вороновайы Фонд Цæгат Ирыстоны Национ музейæн æмæ Фонд «Аланикæ»-йæн балæвар кæндзæн дыууæ нывы. Ацы равдыст та фенæн уыдзæн 30-æм ноябрьмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania