20 декабря 2023, 12:18
Дзæуджыхъæуы райдыдта проект «Лекториум»-ы æртыккаг сезон
Ацы хатт спикер уыд республикæйы Хицауады сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ
Дзæуджыхъæуы райдыдта проект «Лекториум»-ы æртыккаг сезон. Ацы хатт спикер уыд республикæйы Хицауады сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ. Уый радта дзуæппытæ скъоладзауты фæрстытæн æмæ сын раргом кодта æнтыстджын карьерæ саразыны сусæгдзинæдтæ. Куыд загъта, афтæмæй сæйрагдæр у, размæвæрд нысантæ сæххæст кæныныл ахадгæйæ архайын. 2 азмæ проект «Лекториум» сси гом фæз наукон, педагогон, сфæлдыстадон æмæ бизнесы æхсæнадты минæвæрттæн. Рæзгæ фæлтæрæн дæтты, зындгонд адæмимæ аныхас кæныны æмæ сын сæ фæлтæрддзинад базоныны фадат.
темæмæ гæсгæ




