Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры равдисдзысты 3 спектаклы
Дзæуджыхъæуы райдыдтой Самсон Чанбайы номыл Абхазы паддзахадон драмон театры гастрольтæ. Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры равдисдзысты 3 спектаклы: «Дом Бернарды Альбы», «Голый король» æмæ «Асду»». Гастрольтæ сты дыууæвæрсыг. Фæззæджы Ирон театры труппæ абалц кæндзæн Сухуммæ. Аивадуарзджыты размæ рахæсдзысты сæ репертуары 4 хуыздæр постановкæйы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æмгуыстады бадзырд дыууæ национ театры бафыстой ивгъуыд аз сæрды. Чехойты Фатимæ радзурдзæн бæстондæр.
«Дом Бернанды Альбы» – драмон истори сылгоймаджы хъысмæтыл дзурæг. Æвдыст цæуы тызмæг фæтк, дыдзæсгом митæ æмæ æнæххæстгонд фæндтæ уæлахиз кæм кæнынц, Испанийы ахæм дæрддзæф бынат.
Федерико Гарсия Лоркайы пьесæ хурмæ ракалдта æхсæнады хъæндзинæдтæ. Сæйраг хъайтары – тызмæг æмæ æнæрвæссон Бернарда Альбæйы чызджытæ бадынц сæ ныййарджыты хæдзары. Рагæй сын у афон сæ амæндтæ ссарынæн, фæлæ сæ сæ мад, сæрибардзинад сын чи *рхæсдзæн, уыцы хабарыл хъуыды кæнын дæр нæ уадзы. Чызджытæ архайынц сæ цард саразын, сæ мадмæ нæ хъусгæйæ, фæлæ сын уый расайы трагикон фæстиуджытæ. Ацы уацмыс – сæрибардзинад æмæ цардæмбæлттæ равзарыны бар кæмæн нæй, ахæм сылгоймæгты хъысмæты ирд æвдисæг.
Самсон Чанбайы номыл Абхазы паддзахадон драмон театр зындгонд пьесæйы постановкæйы равдыста авторы хъуыдытæ. Театрдзаутæн æмбæрстгонд уыдис хъайтарты алы æнкъарæн дæр.
Ацы изæр пьесæйы хъайтартæ ирон театрдзаутимæ дзырдтой абхазаг æвзагыл. Уый у дыууæ паддзахады *хсæн хæлардзинады æмæ культурæйы хид. Ирон театры коллектив алы хатт дæр саразы хъæрмуд фембæлд Абхазы артисттæн.
Абхазы театры гастрольты спектакльмæ бакæсынмæ æрбацыд культурæйы министр Гуыдиаты Батраз. Уазджытæн радтой ведомствæйы Кады гæххæттытæ, актертæн ракодтой арфæтæ Цæгат Ирыстоны культурæйы рæзтмæ се *вæрæн кæй хæссынц, уый тыххæй.
Абхазаг спектакль «Дом Бернанды Альбы»-йæн театрдзаутæ стыр аргъ скодтой. Фыццаг хатт чи федта постановкæ, уыдон дæр æй сæ зæрдæтæм айстой. Самсон ЧАнбайы номыл Абхазы паддзахадон драмон театр фидæны дæр йæ постановкæтæй иу æмæ дыууæ хатты дисы нæ бафтаудзæн Дзæуджыхъæуккаг аивадуарзджыты.




