филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:02 пятница, 17 мая 2024
27 июля 2022, 10:14
Дзæуджыхъæуы райдыдтой рæвдауæндæттæм гæххæттытæ дæттын

4 мин сывæллоны онг горæты рæвдауæндæттæм бацæудзысты ацы фæззæджы

Дзæуджыхъæуы райдыдтой рæвдауæндæттæм гæххæттытæ дæттын. 4 мин сывæллоны онг Дзæуджыхъæуы рæвдауæндæттæм бацæудзысты ацы фæззæджы. Гæххæттытæ дæттын райдыдтой 18-æм июлæй фæстæмæ. Уыцы куыст цæуы Леоновы уынджы 4-æм хæдзары. Уым ныртæккæ сты Цæгат-Ныгуылæн æмæ Фæстерчы префектурæтæ. Рæвдауæндонмæ бацæуæн ис, ахуырады управленийы бынæттон оргæны бардæттæг гæххæт райсгæйæ. Уыимæ регионалон информацион системæтæй пайда кæнгæйæ. Курдиат бадæтгæйæ, уыцы-иу рæстæг равзарæн ис скъолайы агъоммæйы цалдæр ахуыргæнæндоны. Стæй ма иу ахсджиаг фиппаинаг – кæд сывæллонæн йæ хистæр хо кæнæ æфсымæр бæлвырд рæвдауæндонмæ цæуынц, уæд ын уырдæм бацæуыны фæндаг уыдзæн æнцондæр. Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы ахуырады Управленийы минæвæрттæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй, рæстæмбис нымадæй, нысан кæнынц иу бонмæ 200 гæххæтты дæттын. Æппæт документтæ сбæлвырд кæндзысты мæйы кæронмæ.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania