11 сентября 2025, 10:38
Дзæуджыхъæуы райдыдтой Царицынойы театр РОСТА-йы гастрольтæ
Цæгат Ирыстоны цæрджытæ æмæ уазджытæ Фендзысты арф хъуыды, динамикæ, музыкæ æмæ нырыккон эффекттæй æххæст 4 спектаклы
Дзæуджыхъæуы райдыдтой Царицынойы театр РОСТА-йы гастрольтæ. Цæгат Ирыстоны цæрджытæ æмæ уазджытæ Фендзысты арф хъуыды, динамикæ, музыкæ æмæ нырыккон эффекттæй æххæст 4 спектаклы. Театр фæзынд 1930 азы. Уæд уыдис сывæллæтты театры филиал. 2022 азы сси хæдбар. Йæ аивадон разамонæг у Уæрæсейы сгуыхт артисткæ Нонна Гришаева. Театры репертуары ис 30 спектаклæй фылдæр алы кары адæмæн. Уырыссаг академион театры сценæйыл театрдзаутæ фендзысты куыд уарзон хъайтарты – Лев Бонифацийы æмæ чысыл принцы, афтæ нæзонгæты дæр.
темæмæ гæсгæ




