филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:15 пятница, 17 мая 2024
27 сентября 2022, 11:15
Дзæуджыхъæуы рацарæзты фæстæ байгом Жуковскийы номыл парк

Территори сцалцæг кодтой  федералон  программæ «Горæты æнцонвадат царды» -йы фæлгæты

Дзæуджыхъæуы рацарæзты фæстæ байгом Жуковскийы номыл парк. Горæты цæрджытæй бирæ фæлтæртæ бæдтынц сæ сабибонтæ ацы бынатимæ. Ныр та, йæ нырыкоон хуызæй хъæлдзæг кæнынц абоны сабиты зæрдæтæ. Территори сцалцæг кодтой  федералон  программæ «Горæты æнцонвадат царды» -йы фæлгæты. Йæ байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой Дзæуджыхъæуы скъолаты ахуырдзауты.  Сывæллæттæ бафæлвæрдтой хъазæн фæзтæ æмæ аргъ скодтой парчы аивдзинадæн. У дзы райдзаст, сыгъдæг ног иллюминацитæ та, ирддæр кæнынц æхсæвыгон парчы территори.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania