Дзæуджыхъæуы сæ тæмæны сты фæндæгты цалцæджы æмæ рацарæзты куыстытæ. Номхыгъды – 20 уынгæй фылдæр. Пъланмæ гæсгæ куыстытæ хъуамæ фæуой декабры. Хъуыддаг къуылымпы кæны, хицæн уаццæгты доны хæтæлтæ кæлæддзаг уавæры кæй сты, уый. Хъæуы сæ баивын, уый фæстæ бавналын асфальт æвæрынмæ.
Пырх асфальт, нæй къахвæндæгтæ, алыварс алыхуызон цæлхдуртæ. Ахæм уавæр ныртæккæ ис горæты 20 уынгæй фылдæры. Фæлæ уый рæстæгмæ фæзынд у. Тагъд фæндæгтæ базонæн нал уыдзæн. Гæнæн ис, æмæ куыстытæ афæстиат уой, доны хæтæлтæ кæлæддзаг уавæры кæй сты, уый аххосæй. Цалынмæ сæ нæ баивой, уæдмæ асфальт æвæрæн нæй
Зæронд хæтæлтæ æрмæст Революцийы уынджы нæ рабæрæг сты. Ныртæккæ дондзæуæн куыстуаты специалисттæ уыцы иу рæстæг кусынц 8 объектыл. Архайынц риссаг фарстатæ цыбыр рæстæгмæ алыг кæныныл, цæмæй фæндаггон фонды минæвæрттæ тагъддæр бавналой сæ куыстытæ æххæст кæнынмæ.
Хæтæлтимæ лыггæнинаг фарстатæ кæм нæй, уыцы бынæтты фæндаггон специалистты куыст йæ тæмæны ис. Уæззау техникæ æмæ кусджытæ объектты сты æрвылбон.
Æмæ кæд иуæй-иу уынгты куыстытæм ныр бавнæлдтой, уæд иннæты та кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Баззад ма лыстæг хъуыддæгтæ.
Программæмæ ма хаст æрцыдысты Некрасовы, 8-æм мартъийы, Эльмесовы æмæ æндæр уынгтæ. Пъланмæ гæсгæ, куыстытæ хъуамæ фæуой декабры. Фæлæ специалисттæ архайынц, нысангонд æмгъуыдæй сæ раздæр сæххæст кæныныл, æмæ фæндæгты рацарæзт фæуын октябры.




