Дзусты Ибрагимы номхæссæг 46-æм скъолайы кадджын уавæры байгом кодтой, Уæрæсейы гвардийы æдзард офицеры номыл мемориалон фæйнæг
Дзæуджыхъæуы сæнусон кодтой Уæрæсейы Хъæбатыр Тыбылаты Мараты ном. Дзусты Ибрагимы номхæссæг 46-æм скъолайы кадджын уавæры байгом кодтой, Уæрæсейы гвардийы æдзард офицеры номыл мемориалон фæйнæг. Уыцы бар лæвæрд æрцыд Мараты æмслужбæгæнджытæн. Мадзалы уазджытæ хъæбатырты ном æрымысыдысты, минут æдзæмæй алæугæйæ. Скъолайы фойейы ма арæзт æрцыд, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты портретты равдыст. Скодта сæ нывгæнæг Михаил Чернов. Музейы та равæрдтой ног экспонаттæ. Мадзалы архайдта Уæрæсейы гвардийы Цæгат Кавказы зылды командæгæнæджы хæдивæг æфсæддон-политикон куысты фæдыл, булкъон Вячеслав Мясищев, Уæрæсейы гвардийы дзæуджыхъæуккаг иугонды командæгæнæг, булкъон Роман Трубин, ахуырады министрады, Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты фонды минæвæрттæ, скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ, Тыбылаты Мараты хæстæджытæ. Кæронбæттæны Хъæбатыры кадæн байгом кодтой йæ номыл партæ.




