филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:17 суббота, 28 сентября 2024
13 июля 2021, 12:21
Дзæуджыхъæуы Сæрибары фæзæй музыкалон фонтан рахæсдзысты æндæр бынатмæ

Ахæм уынаффæ рахаста республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло, æмæ йæ сæххæст кæнын бабар кодта Дзæуджыхъæуы администрацийæн

Дзæуджыхъæуы Сæрибары фæзæй музыкалон фонтан рахæсдзысты æндæр бынатмæ. Ахæм уынаффæ рахаста республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло, æмæ йæ сæххæст кæнын бабар кодта Дзæуджыхъæуы администрацийæн. Фонтан дыууæ хатты бахъыгдардта коммуналон сæрмагонд техникæ. Дыккаг хатты фæстæ йæ сцалцæг кæнын нал бантыст. Ныр фонтанæн ног бынат ссарыны тыххæй арæзт æрцæудзæн хъæлæс кæныны процедурæ. Бæлвырддæр та адæм сæхæдæг æвзардзысты объектæн бынат. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй ирхæфсæн объекты хицæуттимæ аныхас кæндзæн йæхæдæг. Бæстон æрлæудзысты, фонтаны ног бынат равзарыныл. Æмæ уый фæстæ объект хаст æрцæудзæн горæты исбонмæ. Чи зоны æмæ фонтан саив кæндзæн Сунниттаг мæзджыты раз фæз, Плиты Иссæйы цыртдзæвæны цур Терчы былгæрон, Металлургты Парк, кæнæ Галуаны разы фæз.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania