Æрбахуыдтой йæм 500 лæппу æмæ чызджы онг республикæйы алы районтæй
Дзæуджыхъæуы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæн сарæзтой Ног Азы бæрæгбон. Æрбахуыдтой йæм 500 лæппу æмæ чызджы онг республикæйы алы районтæй. Ацы хъæппæрис разынд Парламенты депутат Дыгъуызты Аланмæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Уарзон мультфильмты хъайтартæ, Яга æмæ Митын Дада – ахæм Ног Азы бæрæгбон бацæттæ кодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæн. Ацы хъæппæрис разынд Парламенты депутат Дыгъуызты Аланмæ. Бæрæгбон арæзт уыд 3 къæпхæнæй. Боны дæргъы йæ бабæрæг кодта 500 сывæллоны онг республикæйы алы районтæй.
Æвзонг уазджыты ирхæфстой Чебурашка, Леший, æмæ аргъæутты иннæ хъайтартæ. Баба-Яга, куыд вæййы, уымæ гæсгæ, фæлвæрдта бæрæгбон фехалын æмæ заз бæлас басудзын, фæлæ йæ хъæбатыр сывæллæттæ Митын Дада æмæ Митын чызгимæ нæ бауагътой.
Ахæм мадзæлттæ Дыгъуызты Алан фыццаг аз нæ аразы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстон хæстæ чи æххæст кæны, уыцы ныййарджыты сывæллæттæн æппынкъаддæр уый у йæ бон скæнын. Сæйрагдæр хæрзиуæг та йын у – сабиты мидбылхудт. Се мкусæджы фарсмæ æрбалæууыдысты Парламенты депутаттæ. Се хсæн уыд Хъесаты Ирыстон дæр. Уый йæхæдæг дæр у сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг.
Се ппæт архайджытæн дæр радтой адджын лæвæрттæ. Мадзал алкæй зæрдæмæ дæр фæцыд. Кæд æй сывæллæттæн бацæттæ кодтой, уæддæр хистæртæ дæр сæхи аирхæфтой.




