Ацы зайæгой барынц хуримæ. Иу къалиуыл ис цалдæр дидинæджы
Дзæуджыхъæуы Сапицкийы фæлладуадзæн бынаты рæзы æнахуыр æхсынæн. Ацы зайæгой барынц хуримæ. Иу къалиуыл ис цалдæр дидинæджы. Æнахуыр зайæгойы тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Хуры хъарм тынтæм сыфтæртæ рæсугъдæй зынынц. Сапицкийы чекистты аллейы фенæн ис æнахуыр æхсынæн. Фондз дидинæджы сæхи хурмæ ивазынц, рæзы ма йыл ноджыдæр 7.
Сапицкийы чекистты аллея фæзынд 2023-æм азы. Фæллад уадзæн бынатæн уыцы рæстæг йæ хуыз зынгæ аивта. Территори ныссæгъдæг кодтой, ныссагътой дзы бæлæстæ æмæ къудзитæ, лыстæг доломитæй сарæзтой къахвæндæгтæ. Дыууæ азы фæстæ ацы фæзуат горæты цæрджытæн сси уарзон бынат фæлладуадзынæн. Чидæртæ ам сыгъдæг уæлдæфы спортæй дæр фæархайынц, иннæтæ та æрбацæуынц æрдзы рæсугъддзинадыл афæлгæсынæн.
Территори рацаразæн куыстытæ æххæстгонд цæуынц ныр дæр. Хъуыссæты Мæирбеджы ныхæстæм гæсгæ ам байгом кæндзысты спортивон фæз, цæмæй дзы сывæллæттæ хъазой бадминтонæй. Фæзындзæн дзы аив хæдзæрттæ урс кæсагластæн.
Æнахуыр æхсынæнмæ тæхынц мыдыбындзытæ, æруадзынц ыл сæхи сæ фæлмæн базыртыл. Æрдзы фæзындтæ æмæ сентябры хъарм боныхъæд сын æххуыс.




