Ацы аз фестиваль «Ирон бæгæны» сæмбырд кодта Францийы, Бельгийы, Турчы, Самарæйы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæртты.
Дзæуджыхъæуы сбæрæг кодтой хуыздæр бæгæныфыцæджы. Ацы аз фестиваль «Ирон бæгæны» сæмбырд кодта Францийы, Бельгийы, Турчы, Самарæйы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæртты. Конкурс цыди цалдæр къæпхæнмæ гæсгæ. Жюрийы уæнгтæ аргъ кодтой бæгæныйæн æрмæстдæр йæ адæн нæ, фæлæ цæмæй конд у, уымæн дæр. Кæй бæгæны банымадтой æппæтæй хуыздæрыл, уый тыххæй радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.
Дзæуджыхъæуы бахыгътой фестиваль-конкурс Ирон бæгæны 2019-ы бæрæггæнæнтæ. Æхсæзæм æппæтадæмон конкурсы финалисттæ дунейы алы рæттæй æрæмбырд сты Ирон академион театры раз. Уыцы ран сæ куыстытæ равæрдтой ирыстойнаг æрмдæснытæ æмæ нывгæнджытæ дæр. Финалисттæ та сæхи сконд бæгæныйæ уæлдай, сцæттæ кодтой ирон фынгæвæрдтæ дæр.
Традицимæ гæсгæ, нæртон бæгæныйæ фæстæмæ, конкурсы архайджытæ уазджыты размæ рахастой рагон ирон хæринæгтæ дæр.
Ацы аз фестивалы архайынц Францийы, Бельгийы, Турчы, Самарæйы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ. Тебиаты Иринæ Бельгийæ æрбацыд. Конкурсы архайы фыццаг хатт.
Фестивалы уыд нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Уый раарфæ кодта архайджытæн. Конкурс Ирон бæгæны аразынц бæгæныфыцæн хæдзар Баварийы хъæппæрисæй. Йæ генералон директор Битарты Зелимханы ныхæстæм гæсгæ, конкурс иннæ аз йæ арæнтæ фæуæрæхдæр кæндзæн.
Цæмæй хуыздæр бæгæныфыцæжы сбæрæг кæной, уый тыххæй жюри кастис æрмæст йæ адмæ нæ, фæлæ йæ хуыз, хæрздæф æмæ ма суанг туаггуыры газы бæрцмæ дæр. Афтæмæй æппæт домæнтæм гæсгæ, хуыздæрыл банымадтой Хуссар Ирыстоны минæвар Козаты Ритæйы бæгæны. Уый райста фыццаг бынат æмæ сæйраг приз. Фестивалы кæрон та сарæзтой театралон концерт ансамбльтæ «Ирыстон» æмæ «Сæрмæтимæ».
