25 сентября 2025, 10:37
Дзæуджыхъæуы сбæрæг сты шашкæтæй турниры уæлахиздзаутæ
Мадзал арæзт æрцыди парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады æхсæнадон æххуысы штабы фæзы
Дзæуджыхъæуы сбæрæг сты шашкæтæй турниры уæлахиздзаутæ. Мадзал арæзт æрцыди парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады æхсæнадон æххуысы штабы фæзы. Чемпионы кубоктыл тох кодтой 35 æвзонг спортсмены республикæйы алы районтæй. Ерыстæ цыдысты кæстæр кълæсты ахуырдзауты хсæн. Ацы турнир цæуы ныр 6-æм хатт, партион проекттæ «Сывæллæтты спорт» æмæ «Тыхджындæрты равзарыны» фæлгæты. Йæ сæйраг нысан у, фæсивæды хсæн спорты алы хуызтæ парахат кæнын, уæлдайдæр та интеллектуалонтæ.
темæмæ гæсгæ




