19 июля 2025, 10:50
Дзæуджыхъæуы, Сергей Карякины номыл клубы, арæзт æрцыд шахмæттæй турнир
Архайдтой дзы, 18 азы онг кæуыл цæуы, ахæм æвзонг чызджытæ æмæ лæппутæ, стæй хистæр кары адæм дæр
Дзæуджыхъæуы, Сергей Карякины номыл клубы, арæзт æрцыд шахмæттæй турнир. Архайдтой дзы, 18 азы онг кæуыл цæуы, ахæм æвзонг чызджытæ æмæ лæппутæ, стæй хистæр кары адæм дæр. Æдæппæтæй интеллектуалон ерыс сæмбырд кодта 20 адæймагæй фылдæр. Турнир байгом кæныны мадзалы видеобастдзтнады руаджы спортсментæн арфæйы ныхæстæ ракодта гроссмейстер Сергей Карякин. Ерыстæ сарæзтой, Æппæтуæрæсеон спортивон марафон «Сила России» æххæстгæнгæйæ. Интеллектуалон спорты хуызтæ парахат кæнын у парти «Иугонд Уæрæсейы»-йы адæмон программæйы нысантæй иу.

темæмæ гæсгæ