03 марта 2026, 11:12
Дзæуджыхъæуы скъола «Эрудит» хæсдзæн Уæрæсейы хъæбатыр Мæрзойты Василийы ном
Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды
Дзæуджыхъæуы скъола «Эрудит» хæсдзæн Уæрæсейы хъæбатыр Мæрзойты Василийы ном. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды. Ныхас дзы цыд скъолаты бындурон цалцæгыл дæр. Профилон министрады информацимæ гæсгæ, 14 объекты ныридæгæн куыстытæ райдыдтой. Ацы аз æдæппæтæй базилдзысты 24 ахуыргæнæндонмæ. Æмбырды æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны эпидемиологон уавæрыл дæр. Фæлхасадмæ цæстдарды управленийæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй уавæр у рæстæмбис. Скъолаты рынчынты иумæйаг процент у 10%, рæвдауæндæтты та – 14%. Республикæйы Сæргълæууæг фехъусын кодта сæрмагонд стипендиснысан кæныны тыххæй дæр.
темæмæ гæсгæ




