Сæрмагондæй Цыппурсы бæрæгбоны кадæн. Архайдтой дзы 2011-æм, 12-æм æмæ 13-æм азты гуырд фæсивæд
Дзæуджыхъæуы спорты Галуан «Манеж»-ы арæзт æрцыдысты рог атлетикæйæ ерыстæ чызджыты æмæ лæрппуты хсæн. Сæрмагондæй Цыппурсы бæрæгбоны кадæн. Архайдтой дзы 2011-æм, 12-æм æмæ 13-æм азты гуырд фæсивæд. Æвзонг спортсментæ ерыс кодтой цалдæр дисциплинæйы. Дугъ кодтой 50 æмæ 200 метры, стæй дæргъмæ гæпп кæнынæй. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ турнир цæуы дыккаг хатт. Ацы аз дзы архайдтой 100 адæймаджы онг. Хæрзиуджытæ райстой алы кары категорийы спортсментæ. Ерыстæ арæзт æрцыдысты, спорты æмæ æнæниздзинады традицион декадæ æххæст кæнгæйæ. Саразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сын ис иумæйаг нысан – рæзгæ фæлтæрмæ æнæниз цардыуагмæ уарзондзинад гуырын кæнын, стæй се хсæн спорты алы хуызтæ парахат кæнын.




