филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:48 воскресенье, 14 декабря 2025
23 декабря 2019, 12:10
Дзæуджыхъæуы ссыгътой Ног азы сæйраг фидауц – заз бæлас

Уый агъоммæ та республикæйы цæрджытæ бæрæгбоны æнкъарæнтæ райстой Дзæуджыхъæуы центры цы фæзуаттæ байгом кодтой, уым

Дзæуджыхъæуы ссыгътой Ног азы сæйраг фидауц – заз бæлас. Уый агъоммæ та республикæйы цæрджытæ бæрæгбоны æнкъарæнтæ райстой Дзæуджыхъæуы центры цы фæзуаттæ байгом кодтой, уым. Бакастысты концертмæ.

Ног азы заз бæлас байгом кæныны агъоммæ Сабырдзинады проспект дзаг уыд адæмæй. Алы кары адæм рацыдысты ног азы æнкъарæнтæ райсынмæ. Байгом дзы кодтой алыхуызон фæзуаттæ.

Ам фадат уыд хи къухæй исты æрмæг саразынæн, кæнæ та фыстæг Митын Дадамæ арвитынæн. Уыцы фадатæй спайда кодта нæ уацхæссæг Томайты Батрадз дæр.

Æцæг иу хъуыддаг мынæг кæны Ног азы æнкъарæнтæ, уый мит кæй нæй, уый. Фæлæ уæддæр дзыллæ æнхъæлмæ кæсы царциаты диссæгтæм.

Ростовы цæрæг Надежда Малыхина ацы Ног азыл сæмбæлдзæн Дзæуджыхъæуы, уый дæр бæрæгбоны æнкъарæнтæ райсынмæ рацыд нæ горæты сæйраг проспектмæ.

Адæмы, æмæ кæй зæгъын æй хъæуы Митын Дадайы æххуысæй Ног азы фидауц – Заз бæлас цæхæртæ скалдта изæрдалынгты. Ацы хатт æй сæвæрдтой Ленины фæзы.

Уый фæстæ та райдыдта бæрæгбоны концерт, адæмы зæрдæтæм дзы фæндаг ссардтой нæ республикæйы уарзон артисттæ.

Традицимæ гæсгæ суагътой ирд æмæ алыхуызон салюттæ. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ бæрæгбоны сабырдзинадæн дзуапп лæвæрдтой барадон оргæнтæ. Уæдæ не сфæлдыстадон къорды зæрдæ та зæгъы, цæмæй Ног 2020-æм аз Ирыстоны æмæ æппæт дунейы ацæуа æнæ фыдбылызтæй. Æмæ кæд азæлдзысты сармадзантæ, уæд æрмæстдæр салютты хуызы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania