филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:14 суббота, 28 сентября 2024
16 июля 2020, 16:52
Дзæуджыхъæуы Станиславскийы уынджы цæрджытæ тыхсынц сæ уавæртæй

Къултæ згъæлынц, пъадвал донæй байдзаг

Дзæуджыхъæуы Станиславскийы уынджы цæрджытæ тыхсынц сæ уавæртæй. Бæстыхайы æддаг бакаст у бæстон базилинаг. Къултæ згъæлынц, пъадвал донæй байдзаг. Зын бауырнæн у, фæлæ хæдзар у ногарæзт. Эксплуатацийы йæ ахæм хуызы куыд радтой, уый базонынынл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

Бирæуæладзыгон хæдзары пъадвалы аразгæ цад, дыкъæдзыгты дзургæйæ «арфæйæн» ныууагъта йæ аразæг. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, цæрджытæ дзы бузныг не сты. Бузныг не сты уымæй дæр, æмæ сæ машинæтæ хæдзармæ хæстæг кæй нæй ныууадзæн – къулты аивгæнæн уæлцъар згъæлы. Афтæ иу хæдтулгæйæн асаста йæ раззаг авг.

Хæдзары æппæт фатерты цæрджытæ не рбынат кодтой. Джерджыты Маринæ дзы æрцард афæдзы размæ. Фæлæ æнхъæл нæ уыд, ног фатеримæ ма йыл кæй æрынцайдзысты бирæ лыггæнинаг фарстатæ. Раст зæгъгæйæ цæрджытæ сæ сæхæдæг хъавыдысты алыг кæнын, фæлæ хъæппæрисджын къорды фарс ничи рахæцыд

Хæдзары уæлцъар тæссаг у йæ рæзты цæуæг адæмæн. Ауылты æрвылбон цæуынц сывæллæтты фæлладуадзæн паркмæ.

Эксплуатацийы хæдзар радтой 6 азы размæ. Фæлæ дзы лыггæнинаг фарстатæ сæ сæрты акастысты. Уыимæ сæвзæрдысты арæзтадон куыстыты рæстæг. Адæм куыд радзырдтой, афтæмæй объект иу къухтæй иннæмæ лæвæрдтой. Хæдзар хъуамæ уыдаид 7 уæладзыгон. Фæлæ сси 12-уæладзыгон, 49 фатеримæ æмæ коммерцион фæзуаттимæ. Ахæм уавæры йæ райстой эксплуатацимæ дæр. Цæрджытæ та сæ хъаст горæты администраци æмæ коммуналон лæггæдты службæмæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бахастой.

Хæдзар фыццаг рæстæг никæйы бæрны уыд. Бæстыхайы нæ уыд электрон тых, цыбыр ныхасæй техникон домæнтæ æххæстгонд не рцыдысты. Йæ бæрнмæ йæ райста 1-æм разамынддæттæг компани, уыдон бауагътой рухс, фæлæ се мгуыстад бирæ нæ ахаста.

Хæдзар лæвæрд æрцыд муниципалон разамынддæттæг компанийы бæрнмæ. Фæлæ фарстатæ æнæлыггондæй баззадысты. 5 азы дæргъы та йын дзуапп дæтты, чи йæ арæзта, уыцы компани. Фæлæ ацы хæдзарæн дзуапдæттæг организаци йæ бартæй суæгъд, куыддæр хæдзар арæзт фесты, афтæ. Æмæ ныр кæй бафæрсой, уый дæр нæй.

Фарстатæ алыг кæнæн ис, куыддæр цæрджытæ хæдзар сæхимæ райсой, афтæ. Ныронг хъуыды кодтой цæрæнуæтты хицæутты æмбалад саразыныл. Фæлæ сæ нымæц æгæр чысыл у. Ныр фæнд кæнынц прокуратурæмæ бахъаст кæнын. Фарстатæ та сæм ис бирæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania