05 марта 2026, 11:04
Дзæуджыхъæуы, сылгоймæгты æппæтадæмон боны агъоммæ байгом уыдзæн дидинджыты 7 армукъайы
Дидинджыты базартæ кусдзысты 5-æй 9 мартъийы онг 9-æй – 21 сахаты онг
Дзæуджыхъæуы, сылгоймæгты æппæтадæмон боны агъоммæ байгом уыдзæн дидинджыты 7 армукъайы. Снысан сын кодтой фæзтæ. Уыдон сты – Олимпаг парчы район, Первомайскийы уынг, 44, Къостайы проспекты æмæ Московскийы уынджы тигъ, Хъесаты Колкайы æмæ Калинины уынгты тигъ, Коцойты Арсены уынджы – Плиты Иссæйы цыртдзæвæны районы, æмæ Октябры 50 азы уынг – фæсивæды галуаны район. Уыдзæн 200 уæйгæнæн бынатæй фылдæр. Равæрдзысты дзы, куыд бынæттон, афтæ иннæ регионтæй продукци дæр. Дидинджыты базартæ кусдзысты 5-æй 9 мартъийы онг 9-æй – 21 сахаты онг. Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд загътой, афтæмæй ма уæлæмхасæнæй радих кæндзысты 60 бынаты горæты алы бынæтты.
темæмæ гæсгæ




