филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:59 вторник, 16 декабря 2025
22 августа 2023, 11:47
Дзæуджыхъæуы сырддоны баххуыс кодтой дзæбидырæн

Скодтой йын протез

Дзæуджыхъæуы сырддоны баххуыс кодтой дзæбидырæн. Скодтой йын протез. Сырддоны сæргълæууæг Белеккаты Аслан куыд радзырдта, афтæмæй цæрæгойы сырддонмæ цæфтимæ æрбаластой зымæджы. Бахауд къæппæджы, æмæ тынг хъыгдард баййæфта йæ фæстаг къах. Дохтырты-ветеринарты фиппаинагмæ гæсгæ, къах бахъахъхъæнын нæ бантыст. Уыимæ сырддоны специалисттæ агуырдтой мадзæлттæ, дзæбидырæн баххуыс кæныны тыххæй. Сæ курдиат бахастой Налцыччы ветеринартæм. Афтæмæй цæрæгойæн сæвæрдтой карбонæй протез. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы сырддты хуызæн фæстаг къæхтæ сты æнцойгæнæнтæ, æмæ ныр протезы фæрцы дзæбидырæн йæ бон ногæй у цæуын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania