28 мая 2025, 10:45
Дзæуджыхъæуы сырддоны баивтой асфальтæй уæлцъар
Ацы цаумæ куыстуаты æнхъæлмæ кастысты 25 азы
Дзæуджыхъæуы сырддоны баивтой асфальтæй уæлцъар. Ацы цаумæ куыстуаты æнхъæлмæ кастысты 25 азы. Асфальт сæвæрдтой 9 вольеры, æмæ сæ алыварс территорийы. Ног уæлцъарæй дарддæр ма дзы сæвæрдтой бордюртæ дæр. Зæронд асфальт 25 азмæ сси кæлæддзаг, уымæ гæсгæ йæ хъуыди баивын, – зæгъынц специалисттæ. Уый къухы бафтыд Дзæуджыхъæуы мэр Милдзыхты Вячеславы æххуысы фæрцы. Ууыл куыстытæ нæ фæуыдзысты. Фидæны дæр сырддоны территорийы цæудзысты аивгæнæн куыстытæ.
