филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:26 суббота, 31 января 2026
07 марта 2025, 10:40
Дзæуджыхъæуы сырддоны дарддæр цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ.

25 азмæ фыццаг хатт баивдзысты  вольертæн сæ сæртæ

Дзæуджыхъæуы сырддоны дарддæр цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. 25 азмæ фыццаг хатт баивдзысты  вольертæн сæ сæртæ. Æдæппæтæй сты 16. Уымæй уæлдай ма сын фæнд кæнынц сæ пъолтæ ног фæйнæджытæй саразын. Тæдзгæ сыл кæй кодта, уымæ гæсгæ рагæй уыдысты ивинаг. Чехойты Фатимæ радзурдзæн бæстондæр.

Сырддоны 25 азмæ фыццаг хатт цалцæг кæнынц вольерты сæртæ. Рагæй ивинаг уыдысты. Боныхъæды уавæртæ фадат дæттынц куыстытæ æмбæлгæ уагыл сæххæст кæнынæн.

Кусджытæм лæмбынæгæй кæсынц бирæгътæ, сау арс æмæ домбай   – уыдон сты вольерты цæрджытæ. Сырдты паддзах уайтагъд ратыхст, цалцæггæнæн куыстытæ адæмы бар бакæнгæйæ, йæхи райдыдта хуры тынтæм тавын.

Ныртæккæ сырддоны ис 31 цæрæгойы.  Понийæ фæстæмæ уыдонæй иу дæр æлхæд нæ уыд, иууылдæр ам хуымæтæджы нæ фæзындысты. Иутæ æрдзы цæргæйæ бахаудысты зын уавæрты, иннæтæ та – адæмæй хъыгдард баййæфтой. Æрмæст дикообраз райгуырд ам – уый сырддонæн у стæм хабар.

Æрсытæй иутæ сæхи тавынц уалдзыгон хуры тынтæм, иннæтæ та сæхи найынц – æрсытæ тынг уарзынц дон. Стайтæн у  сихоры фæлладуадзыны рæстæг, активонæй йæхи дары фыранк.  Фæлмæнхъуын тугдзыхтæ сæхи хорз æнкъарынц – стайтæн æмæ фыранкæн фæзынд уæрæх вольертæ. Хорз уаид, æрсытæн дæр сæ цæрæн бынæттæ афтæ куы рацаразиккой, уæд. Ныййарджытæ ардæм æрбахонынц сæ сабиты æрмæст сырдты фенынмæ нæ, фæлæ ма сын æрбахæссынц хæринаг дæр. Сывæллæтты зæрдæты афтæмæй фæзыны уарзондзинад алфамблай æрдзмæ. Уый та хъомылады у æппæтæй ахсджиагдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania