Медицинон куыстуат бындурон цалцæг хъуамæ фæуа азы кæронмæ
Дзæуджыхъæуы сывæллæтты 2-æм поликлиникæйы кусджытæ æмæ æвзонг пациенттæ æнхъæлмæ кæсынц декабрьмæ. Медицинон куыстуат бындурон цалцæг хъуамæ фæуа азы кæронмæ. Ацы хъуыддаг æххæстгонд цæуы национ проект «Дæргъвæтин æмæ активон цард»-мæ гæсгæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Поликлиникæ куыд ирд уыдзæн, уый бæрæг дары йæ разуындмæ гæсгæ. Бындурон цалцæджы фæстæ бæстыхай ахæм рæсугъд уыдзæн мидæгæй дæр, зæгъынц специалисттæ. Ныр та уал куыстытæ сæ тæмæны сты. Райдыдтой февралы. 45 азмæ ацы агъуыстытæм бындуронæй зылд нæ уыд. Поликлиникæйы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй куысты уавæртæ хуыздæрхъуаг уыдысты.
Арæзтадон организацийы хъуыд бæстон куыстытæ сæххæст кæнын. Специалисттæ æххæстæй баивтой æппæт коммуникацитæ. Ныридæгæн сæвæрдтой ног хъармгæнæн, канализацион æмæ зынгсирвæзтыты ныхмæ системæтæ, стæй электрон тыхы телтæ. Поликлиникæйы разамонæг æмæ медицинон кусджытæ арæх æрбацæуынц цалцæг куыд цæуы, уымæн аргъ скæнынмæ. Аразджытæ та сын æрхъусынц сæ курдиæттæм.
Объекты фæллой кæны 30 адæймаджы онг. Куыстытæ уыцы иу рæстæг цæуынц 4 уæладзыгыл. Кæмдæр бавнæлдтой мидаивгæнæн куыстытæм, кæмдæр та фæвæййынц. Специалисттæ сног кодтой пъол æмæ бæстыхайы сæр. Къæлидорты æмæ кабинетты сæвæрдтой рудзгуытæ æмæ дуæрттæ. Цалцæджы рæстæгмæ поликлиникæйы куыст не рлæууыд. Фæлæ уал специалисттæм æвзонг пациенттæ æрбацæуынц Къостайы проспекты, 15-æм хæдзармæ. Æдæппæтæй поликлиникæ лæггад кæны 22 мин адæймагæн.
Хæстæгдæр рæстæг райдайдзысты къæлидорты къултæ аив кæнын. Уый фæстæ рахиздзысты кабинеттæм, баласдзысты ифтонггæрзтæ. Сывæллæтты 2-æм поликлиникæйы бындурон цалцæг æххæст кæнынц «Дæргъвæтин æмæ активон цард»-мæ гæсгæ.




