филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:17 четверг, 04 июля 2024
01 июля 2024, 12:40
Дзæуджыхъæуы театралон фæзтæ цæттæ кæнынц фыццаг Æппæтуæрæсеон театралон фестиваль «Вахтангов. Путь домой» суазæг кæнынмæ

Егъау мадзал кадджын уавæры байгом уыдзæн 13-æм июлы

Дзæуджыхъæуы театралон фæзтæ цæттæ кæнынц фыццаг Æппæтуæрæсеон театралон фестиваль «Вахтангов. Путь домой» суазæг кæнынмæ. Егъау мадзал кадджын уавæры байгом уыдзæн 13-æм июлы. Театрдзаутæм, республикæйы цæрджытæм æмæ уазджытæм æнхъæлмæ кæсынц ирд премьерæтæ, хуыздæр постановкæтæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сценæйы ирддæр минæвæрттимæ фембæлдтытæ. Уый тыххæй Хицауады хæдзары йæ пресс-конференцийы фехъусын кодта Мæскуыйы Евгенийы Вахтанговы номыл Паддзахадон академион театры директор Кирилл Крок. Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы, Хъазаны, Донецкы, Омскы, Архангельскы æмæ ма æндæр регионтæ бацæттæ кæндзысты сæхи постановкæтæ. Уыдон та арæзт уыдзысты дунейы хъуыстгонд классикон уацмыстæй. Иу ныхасæй – арæнтæ чи уæрæхдæр кæны, ахæм аивад. Фестивалы архайджыты номхыгъд сфидар кодтой Вахтанговы театры разамынд æмæ экспертон совет. Саразджыты хъуыдымæ гæсгæ ма, фестиваль «Вахтангов. Путь домой»-ы программæ æххæст кæнгæйæ, нысан кæнынц кадджын премитæ раттын дæр. Ам хынцт цæудзæн – Цæгат Ирыстоны культурæмæ, социалон къабазмæ æмæ  креативон индустрияты рæзтмæ æвæрæн. Фестивалы нысантæ æмæ хæстæ сты егъау. Ахсджиаг у канд нырыккон театралон аивад парахат кæнын нæ, фæлæ  ма Цæгат Кавказы культурон тыгъдад Уæрæсейы Федерацийы арæнты фидардæр кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania