11 декабря 2019, 12:51
Дзæуджыхъæуы театрты ацы бонты цæттæ кæнынц Ног азы æмæ цыппурсы бæрæгбæттæм
Æвзонг театрдзаутæн традицимæ гæсгæ скæндзысты бæрæгбæттæ æмæ цымыдисаг фемæблдтытæ
Дзæуджыхъæуы театрты ацы бонты цæттæ кæнынц Ног азы æмæ цыппурсы бæрæгбæттæм. Æвзонг театрдзаутæн традицимæ гæсгæ скæндзысты бæрæгбæттæ æмæ цымыдисаг фемæблдтытæ. Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг Академион театры та ацы сезоны цæттæ кæнынц аргъау «Конек-Горбунок». Сабитæ фембæлдзысты аргъæутты дунейы хъайтартимæ. Аргъау сæвæрдта Цæгат Ирыстоны адæмон артист Валерий Попов, премьерæ уал фæлварæны хуызы равдисдзысты 20-æм декабры. Спектаклы размæ та сывæллæттæм æнхъæлмæ кæсдзысты Митын Дада æмæ Митын чызг.
темæмæ гæсгæ




