13 сентября 2025, 09:59
Дзæуджыхъæуы Терчы былгæроны рацарæзт кæронмæ фæхæццæ кæны
Сцалцæг æй кæндзысты афæдзы кæронмæ национ проект «Инфраструктурæ – цардæн» æххæстгæнгæйæ
Дзæуджыхъæуы Терчы былгæроны рацарæзт кæронмæ фæхæццæ кæны. Баззад ма дзы иунæг, 900 метры дæргъæн, уаццаг. Сцалцæг æй кæндзысты афæдзы кæронмæ национ проект «Инфраструктурæ – цардæн» æххæстгæнгæйæ. Доны былгæроны сæйраг хæйттæй иу – Плиты Иссæйы цыртдзæвæны алыварс территорийы аивгæнæн куыстытæ тагъд рæстæджы фæуыдзысты. Сæвæрдтой дзы брусчаткæ æмæ рухсгæнæнтæ. Ныртæккæ подрядон куыстуат фæвæййы ныллæг брутæ фидаргонд. Парапеты 140 метры конд у архитетурон бетонæй. Йæ хæйтты *хсæн ын æвæрынц куырдадзы арæзт аив элементтæ. Уымæй уæлдай ма ацы фæлладуадзæн бынаты фæзындзысты бандæттæ, урнæтæ æмæ чысыл архитектурон арт-объекттæ.
темæмæ гæсгæ




