филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:40 воскресенье, 01 февраля 2026
10 января 2024, 11:20
Дзæуджыхъæуы трамвай ныр 120 азы дæргъы нымад у горæты цæрджыты уарзондæр транспорты хуызыл

Ивгъуыд аз сæрды нæ республикæйы æрцыд, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы цау, сног кодтой трамвайты парк

Дзæуджыхъæуы трамвай ныр 120 азы дæргъы нымад у горæты цæрджыты уарзондæр транспорты хуызыл. Ивгъуыд аз сæрды нæ республикæйы æрцыд, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы цау, сног кодтой трамвайты парк. Фæлæ 28 ног вагонæй рельсытæм рацыдысты æрмæстдæр 14. Уымæн ис цалдæр аххосаджы. Сæ иу – кадртæ кæй нæ фаг кæны, уый. Фарста къæпхæнгай лыггонд цæуы. Куыстуат «ВладТрамвай» аразы курсытæ фидæны шофыртæн. Ацы азы январы коллектив фæхъæздыгдæр ног шофыртæй. Уыдон æнтыстджынæй каст фесты сæ ахуыртæ. Уалдзæджы ахæм ахуыртæ фæуыдзысты ноджыдæр 5 шофыры. Сæрды та уыдзысты 8. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Касаты Наирæ.

Сылгоймаг æрбахызти трамвайы кабинæмæ, æрбадти йæ кусæн бынаты æмæ абалц кодта Дзæуджыхъæуы уынгтыл.  6 мæйы ахуыры фæстæ Булацаты Екатеринæ сси республикæйы сæйраг горæты транспорты историон хуызы шофыр. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæм раздæр хуымæтæг хъуыддаг касти, фæлæ йæ йæхиуыл куы бавзæрста, уæд бамбæрста, стыр бæрнондзинад кæй райста йæхимæ, уый. Фæлæ йæм уый хыгъд йæ куыст кæсы куыд æнхъæл нæ уыди, афтæ цымыдисаг. Ацы фæндагыл кæй æрлæууыди, ууыл фæсмон нæ кæны, фæлæ бонæй – бонмæ йæ зæрдæмæ цæуы тынгдæр.

2023-æм азы 50-ай азмæ фыццаг хатт трамвайты парк сног кодтой фыццаг хатт. Зæронд вагæттæ баивтой 28 ногæй.  Фæзынди дзы бирæ ногдзинæдтæ, уыимæ банкты картæты уылты фæндаггагæн фидыны фæтк. Терминалтæ лæггад кæнынц æппæт банкты картæтæн дæр. Системæ чектæ нæ дæтты, фæндаггаджы аргъ бынатмæ куы бахæццæ вæййынц, уæд шофыры цур ссудзы сæрмагонд цырагъ.

Ныртæккæ линимæ рацæуынц æрмæстдæр 14 трамвайы. Куыст къуылымпы кæнынц дæлстанцæты уавæр æмæ рельсыты фæндæгтæ. Зæронд трамвайты хызтæ рæстæджы цыдимæ сæ куыст æмбæлгæ уагыл нал кæнынц. Уымæй уæлдай кадрты фарста дæр раздæрау у гом. Нæ фаг кæнынц кусджытæ. Уæвгæ шофырты нымæц фылдæр кæны, фæлæ уæддæр уый фаг нæу, куыст æнæ къуылымпыйæ æххæст кæнынæн.

Дзæуджыхъæуы трамвайты системæ Уæрæсейы у рагондæртæй иу. Транспорты историон хуыз актуалон у абон дæр. Уымæй уæлдай, трамвайты управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ивгъуыд азы 11 мæймæ трамвайтæй спайда кодтой 6 сæдæ мин адæймаджы. уый 2022-æм азимæ абаргæйæ у фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania