Фыццаг вагон горæты уынгтæм рацыд 1904-æм азы августы
Æрмæст транспорты хуыз нæ, фæлæ горæты символ. Дзæуджыхъæуы трамвайыл сæххæст 120 азы. Фыццаг вагон горæты уынгтæм рацыд 1904-æм азы августы. Горæты трамвайы хъæздыг историйы чысыл зындзинæдтæ нæ уыд, фæлæ алцæмæндæр бафæрæзта, æмæ абон дарддæр ахадгæйæ лæггад кæны адæмæн. Дзæуджыхъæуы трамвайы дуджы тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Дисгæнгæйæ хъуысы æрмæст иу ныхас «махæн нæ фыны дæр ахæм нæ уыд». Трамвайон змæлды ветеран Хадыхъаты Лидия шофыры бынат суæгъд кодта 20 азы размæ. Нырыккон вагоны ис фыццаг хатт. Куыд зæгъы, афтæмæй алцыдæр аивта. Йæ фæллойадон фæндаджы райдиан трамвайтæ уыдысты хъæдын, дуæрттæ хъуыдис сæхи æхгæнын, зымæджы та рудзгуытæ хъарм кæнын.
35 азы ацы дæсныйады. Атахтысты иу боны хуызæн æмæ æнусмæ баззадысты йæ зæрдæйы. Ныртæккæ трамвайы кусгæ бонтæ Хадыхъаты Лидия мысы фæлмæн зæрдæйы ахастимæ. Алцыдæр хъуыды кæны: стажировкæ куыд цыдис, йæ мадæн куыд лæгъзтæ кодта, цæмæй йæ горæтмæ акæна æмæ стыр машинæйыл ацæуой.
Уый уыд йæ фыццаг фембæлд трамваимæ. Уæд Тарскæйæ гыццыл чызг хъуыды дæр нæ кодта, горæты рельсытыл вагоны пассажиры хуызы кæй нæ цæудзæн, ууыл. Чысыл фæстæдæр трамвайы шофыр суæвын хуымæтæг фæндон не сси, фæлæ æцæг нысан.
Трамвай уайтагъд бауарзта – куыд фыццаг хатт æй рельсытыл куы ауагътой, уый чи федта, уыдоны хуызæн. Уый уыд 1904-æм азы.
19-æм æнусы кæрон, горæт ахадгæйæ куы рæзт, уæд рахастой, Дзæуджыхъæуы уынгты трамвай ауадзыны уынаффæ. Фыццаг фæндмæ гæсгæ, вагæттæ рельсытыл хъуамæ ластаиккой бæхтæ, фæлæ ацы хъуыды ныууагътой. Равзæрстой нырыккондæр проекттæ.
Трамвайы фæзындимæ Дзæуджыхъæу фæаивдæр. Уый уыд прогрессы символ, цыма горæт ивгъуыдæй фидæнмæ ахаста, уый хуызæн. Трамвай сси æхсæнадон транспорты фыццаг хуыз.
120 азмæ трамвайон депо чысыл фæлварæнтæ нæ бавзæрста. Граждайнаг хæст, Фыдыбæстæйы Стыр хæст, лæвæрд уыд сæрмагонд исбонмæ, уый фæстæ фæстæмæ горæтмæ. Фæлæ алцæмæндæр бафæрæзта. Трамвай цард, цæры æмæ абоны онг дарддæр рæзы.
Абон нырыккон трамвайы хъæуы тох кæнын нырыккон лыггæнинаг фарстатимæ. Уыдонæй сæйрагдæр сты – фæндаггон фыдбылызтæ.
Зындзинæдтæ нæ хынцгæйæ, шофыртæ дарддæр кусынц. Хъахъхъæнынц горæты царджыты уарзон транспорт æмæ йын йæ цымыдисаг истори хъæздыгдæр кæнынц.




