филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:14 суббота, 28 сентября 2024
16 марта 2021, 13:24
Дзæуджыхъæуы цæрæн хæдзæртты кæртытæй иу бирæ рæстæг аив кодтой бæлæстæ

Фæлæ ныр та бынæттон цæрджытæн æвзарын кæнынц зындзинæдтæ

Дзæуджыхъæуы цæрæн хæдзæртты кæртытæй иу бирæ рæстæг аив кодтой бæлæстæ. Фæлæ ныр та бынæттон цæрджытæн æвзарын кæнынц зындзинæдтæ. Бæлвырддæр та тыхджын дымгæйы рæстæг къалиутæ бахъыгдарынц фатерты рудзгуытæ æмæ балкъонтæ. Адæм сæ хъаст бахастой гоæрты администрацимæ. Куыд лыггонд цæудзæн фарста, уый тыххæй радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Алла Храпкова ацы хæдзары цæры 1971 азæй фæстæмæ. Гæдыбæлæстæ ам æрбаййæфта. Ныртæккæ сæ бæрзæнд у дыууын фондз метры. Сæ пæлæхсар къалиутæ хъыгдарынц цæрджыты æмæ сын æфхæрынц сæ исбонад.

Цæрджытæ курынц, цæмæй бæлæстæ акалой. Уый тыххæй алы æмвæзады хицæуттæм лæгъзтæмæ цыдысты. Бæлæстæ акалыны тыххæй бардзырд рахастой 2018 азы. Уæд хæдзары цæрджытæ райстой сæрмагонд билет, фæлæ куыстытæ конд не рцыдысты.
Бæлæстæ сты цыппæрæм гимназы территорийы. Ахуыргæнæндоны администраци æртæ азы размæ зæрдæ бавæрдта, калд кæй æрцæудзысты, уымæй. Уæдæ Дзæуджыхъæуы администрацийы та загътой, фарста мæйы æмгъуыдмæ лыггонд кæй æрцæудзæн, уый. Ныртæккæ горæты йæ тæмæны ис бæлæстæ æхсæдыны радон мадзал. Æрæджы уал акалдтой, медицинон колледжы цы зæронд бæлæстæ ис, уыдон.
Бæлæстæ акалыны размæ хъæуы экспертизæ скæнын. Владзеленстройы специалистæ лæмбынæг æркæсдзысты гæдыбæлæсты уавæрмæ æмæ рахæсдзысты хатдзæг сæ дарддæры хъысмæты тыххæй. Бæлæстæм кæд æмбыд фæхæццæ, уæд сæ банымайдзысты аварийоныл æмæ æрмæстдæр уæд бауынаффæ кæндзысты, цæмæй сæ акалой, уый тыххæй. Хъыгагæн, бæлæстæй уæлдай ацы кæрты ис æндæр лыггæнинаг фарстатæ. Зæгъæм, сæ быру цалдæр азы дæргъы у хæлд. Скъолайы администраци зæрдæ бавæрдта йæ саразынæй, фæлæ хъыгагæн, хъуыддаг йæ бынатæй не змæлы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania