филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:24 суббота, 28 сентября 2024
23 сентября 2021, 10:52
Дзæуджыхъæуы цæрджытæ хъаст кæныц, амбрози сæ кæй хъыгдары, уымæй

Сывæллæттæ æрвылбон скъоламæ кæуылты фæцæуынц, цы фæзты фæхъазынц, уыдоны алфамбылайы, уыцы аллергийы аххосагæй дзаг кæй у, уый се нæниздзинадыл хорзырдæм нæ бæрæг вæййы

Дзæуджыхъæуы цæрджытæ хъаст кæныц, амбрози сæ кæй хъыгдары, уымæй. Сывæллæттæ æрвылбон скъоламæ кæуылты фæцæуынц, цы фæзты фæхъазынц, уыдоны алфамбылайы, уыцы аллергийы аххосагæй дзаг кæй у, уый се нæниздзинадыл хорзырдæм нæ бæрæг вæййы. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ, йæ рыг тæссаг у алы кары адæмæн дæр. Канд аллергийæ не взарын кæны буары, фæлæ ма  астмæ дæр. Ныртæккæ амброзийæн у йæ тæккæ дидинæгкалæн рæстæг. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æнæниз адæймаг йемæ арæх куы æмбæла, уæд ын æнæфæбæрæг уæвæн кæй нæй йе нæниздзинадыл æвзæрырдæм. Сæйрагдæр æууæлтæ –  æхснырсæг, адæймаг йæхи ныхын бацагайы, хуыфы. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, сывæллæттæ аллергийæ зындæртæй ахæссынц.  Фæззæджы медицинон уагдæдтæм, ахæм миниуджытимæ æрбацæуджытæ дыууæ хатты фæфылдæр вæййынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania