Йæ истори райдыдта хæсты фæстæ азты, республикæйы хицауады руаджы горæты алыварс территорийы рацарæзт куы райдыдта, уæд
Дзæуджыхъæуы цæрджыты уарзон фæлладуадзæн бынатыл сæххæст 70 азы. Дендрарий у диссаджы парк: йæ сыгъдæг уæлдæф, йæ хъæздыг зайæгойты æмæ цæрæгойты дуне хæссынц адæмæн æхсызгондзинад. Йæ истори райдыдта хæсты фæстæ азты, республикæйы хицауады руаджы горæты алыварс территорийы рацарæзт куы райдыдта, уæд. Уыцы рæстæг фидæны парчы проектыл куыстой специалисттæ Воронежæй. 4 хатты нымад æрцыд УФ-йы хуыздæр дендрарийыл. Ныр æй фæнд кæнынц ногæй рацаразын. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Дендрарий у горæты цæрджыты уарзондæр бынат. Сæрдыгон дзы адæм фархайынц спортæй, фæтезгъо кæнынц, дугъ фæуадзынц велосипедтæй. Зымæгон та скæнынц митынтæ, фæхъазынц дзоныгътыл. Горæты змæлдæй иуварс, хъæды сыгъдæг уæлдæфмæ ссæуынц сæдæгай адæм. Ам скæнынц экскурситæ туристтæн. Дендрарий у, адæймагæн йæ бинонтимæ иумæ баулæфынæн кæм ис, ахæм хорз бынат.
Дендрарийы истори райдыдта 70 азы размæ. Хæсты фæстæ азты республикæйы хицауад сфæнд кодтой горæты алыварс территори рацаразын. Уыцы рæстæг фидæны парчы проектыл куыстой специалисттæ Воронежæй. Фæзынд дзы фыццаг аллеятæ, сæвæрдтой дзы бандæттæ, райдыдтой дзы садзын алыхуызон зайæгойтæ. 4 хатты сси УФ-йы хуыздæр дендрарий. 1984 азы та дзы фæзынд экологон къахвæндаг информацион нысантимæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл.
Дендрарийы тынг хъæздыг у зайæгойтæй. Фенæн дзы ис уыдоны 200 хуызы. Се*хсæн – суанг ма иннæ континенттæй ласт чи æрцыд, ахæмтæ дæр. Сагъд дзы ис цымыдисаг бæлас – секвойя. Йæ мыггæгтæ йын Китайæ æрбаластой Краснодармæ, уырдæгæй та æрбахаудысты нæ республикæмæ. Ардыгæй дард нæу санаторий «Ирыстон». Дендрарийы тезгъо кæнын хорзырдæм фæзыны адæймаджы æнæниздзинадыл. Бирæ заз бæлæстæ дзы кæй зайы, уымæ гæсгæ йæ уæлдæф ахъаз у улæфæнтæн æмæ нервыты низтæ кæмæ ис, уыцы адæмæн. Хъæздыг у дендрарийы фаунæ дæр. Ам цæрынц цъиуты 40 хуызы æмæ алыхуызон цæрæгойтæ.
Тагъд рæстæджы дендрарий суыдзæн муниципалон куыстуат «Дзæуджыхъæуккаг хъæд – экологи»-йы хай. Фæнд æй кæнынц рацаразын. Сæвæрдзысты дзы уæлæмхасæн бырондæттæ, ног бандæттæ, ныссадздзысты дзы бæрз бæлæстæ.
Дендрарий у региналон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм æрдзон хæзна. Бирæ азты дæргъы у республикæйы цæрджыты æмæ уазджыты уарзон бынат. Ахджиаг у, æрдзон уникалон парк фидæны фæлтæртæн бахъахъхъæнын.




