филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:46 пятница, 04 июля 2025
02 июля 2019, 17:15
Дзæуджыхъæуы цæттæ кæнынц æмхæццæ хъæбысхæсты турнир саразынмæ

Уыдзæни 14-æм июлы спорты галуан «Манеж»-ы. Уæрæсейаг спортсментимæ иумæ ерысты архайдзысты Турчы æмæ Ираны минæвæрттæ дæр.

Дзæуджыхъæуы цæттæ кæнынц æмхæццæ хъæбысхæсты турнир саразынмæ. Уыдзæни 14-æм июлы спорты галуан «Манеж»-ы. Уæрæсейаг спортсментимæ иумæ ерысты архайдзысты Турчы æмæ Ираны минæвæрттæ дæр. Сæ иумæйаг тренировкæты уыди не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр радзурдзæн Касаты Наирæ.
Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы хыгъды асткъуымон аренæмæ рацæудзысты 12 спортсмены. Се хсæн дунейы чемпион, æмхæццæ хъæбысхæстæй сызгъæрин кубокы хицау Гаджиты Вячеслав. У бирæвæрсыг спортсмен. Райдыдта уæгъдибар хъæбысхæстæй, сси æппæтадæмон къласы спорты мастер хæстон самбойæ. Ис æм иттæг хорз боксы техникæ.
Дзæуджыхъæуы профессионалон турнир арæзт æрцыди республикæйы æмхæццæ хъæбысхæсты федерацийы æмæ спортивон лигæ «Джей-эф-эл Бисултанов»-ы
хъæппæрисæй. Республикæйы иугонд командæ у æрыгондзинады æмæ фæлтæрддзинады ирд дæнцæг. Командæйы ма уыдзысты профессионалон хæсты райдайгæ спортсментæ дæр. Турниры хæстæй иу у – ног курдиæттæ раргом кæнын, загъта æмхæццæ хъæбысхæсты республикон Федерацийы разамонæг Тыбылаты Ибрагим.
Ацы турнирмæ спортсментæ сæхи цæттæ кæнынц 2 мæйы. Сæ размæ вæрынц уæлдæр къæпхæнтæм схизын, æмæ куыд гæнæн ис, афтæ хуыздæр бæрæггæнæнтæ равдисын. Турнир уыдзæни 14-æм июлы, спорты Галуан «Манеж»-ы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania