Режиссер у Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг Цæгæраты Руслан
Дзæуджыхъæуы цæуы æвзонг актерты кастинг, сæрмагондæй – æфсæддон постановкæйæн. Режиссер у Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг Цæгæраты Руслан. Спектаклы бындуры уыдзысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты радзырдтæ æмæ мысинæгтæ. Кастингы архайынц 100 скъоладзауæй æмæ студентæй фылдæр. Премьерæ уыдзæн 7-æм майы фæсивæды Галуаны. Мадзал баст у Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæджы азимæ.
Пушкины фыст рæнхъыты тых равдисын кæд æнцон хæс нæу, уæддæр æй, жюрийы хъуыдымæ гæсгæ, Николай Офицеренкойæн сæххæст кæнын иттæг хорз бантыст. Уырыссаг классикы уацмыс «Клеветникам России» скъоладзау хуымæтæджы нæ равзæрста. Æмдзæвгæ зæгъæн куыд нæй, афтæ хорз æвдисы рæстæджы тæваг, зæрдыл дарын кæны иудзинад æмæ патриотизмы ахсджиагдзинад. Лæппуйæн æфсæддон спектакльмæ бахауыны кастинг у хорз мадзал йæ курдиат равдисынæн.
Хæстон драмæ «Классика Победы. Память поколений» суыдæзн Æппæтуæрæсеон фестивалы хай. Апарахат уыдзæн хъæбатыры æмæ æфсæддон намысы 13 горæтыл. Мадзал арæзт æрцыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы азы кадæн. Кастингы архайдтой 100 скъоладзауы æмæ студенты.
Спектаклы режиссер у Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг Цæгæраты Руслан. Йæ театралон æрмдзæф хорз зонгæ у ирон аивадуарзджытæн. Цæгæраты Русланæн 5 азы размæ уырыссаг театры сценæйы уыд дебют Александр Вампиловы пьесæ «Старший сын»-ы, ирон театры сценæйы та – Гоголы «Игроки»-йы. Уæд ирдæй разынд режиссеры дæсныйад.
Æдæппæтæй жюри фæнд кæны сæйраг æмæ дыккаг рольты архайынæн 50 адæймаджы равзарын. Кастинг сарæзта «Фыццæгты змæлд»-ы регионалон хайад. Хæстон постановкæйы бындур у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветераны истори. Спектакль радзурдзæн йæ хъайтардзинады 7 дæнцæджы тыххæй. Премьерæ ацæудзæн 7 майы Фæсивæды галуаны.
