Йæ саразыны хъæппæрис разынд сывæллæтты æхсæнадон организациты цæдисмæ æмæ фæсивæды уæрæсейаг змæлдмæ
Дзæуджыхъæуы цæуы акци «Уæлахизы бæлас». Йæ саразыны хъæппæрис разынд сывæллæтты æхсæнадон организациты цæдисмæ æмæ фæсивæды уæрæсейаг змæлдмæ. Дзæуджыхъæуы скъолаты хистæркъласонтæ æрбацыдысты, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Александр Варламовæн бæрæгбоны арфæ ракæнынмæ. Сырхæфсæддон тох кодта Фæсбайкалы фронты. Хæрзиуджытæ райста Советон Цæдисы Коммунистон Партийы Центрон Комитеты генералон секретарь Леонид Брежневæн йæхицæй. Александр Варламов фæцыд хæстон фæндæгтыл, æмæ Уæлахизыл сæмбæлд Венæйы. Скъоладзаутæ йын акафыдысты Уæлахизы Вальс, æмæ йын йæ хæдзары кæрты ныссагътой фæткъуы бæлас. Акци æххæст кæнгæйæ ма раарфæ кæндзысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 12 ветеранæн.
