филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:57 суббота, 31 января 2026
24 апреля 2025, 10:36
Дзæуджыхъæуы цæуынц æппæтадæмон ерыстæ робототехникæйæ «Робокласс»

Турнир арæзт æрцыд, 19 азы онг кæуыл цæуы, ахæм скъоладзауты æмæ студентты хсæн

Инженерон фидæн. Дзæуджыхъæуы цæуынц æппæтадæмон ерыстæ робототехникæйæ «Робокласс». Турнир арæзт æрцыд, 19 азы онг кæуыл цæуы, ахæм скъоладзауты æмæ студентты хсæн. Ерыс цæуы 9 алы номинацийы.

Цæгат Кавказы суворовон училищæйы 2-æгæм курсы ахуырдзау Гогаты Артур цалдæр азы архайы робототехникæйы. Уыцы мгъуыдмæ сарæзта цалдæр зондджын машинæйы. Фæлæ ахæм бæрзонд æмвæзадыл бакуыста фыццаг хатт. Йе мбалимæ æмæ ахуыргæнæгимæ фæкуыстой 3 боны. Раздæр уал сæмбырд кодтой корпус, уый фæстæ та программæ. Уый уыд æппæтæй зындæр, – зæгъы Артур. Йæ робот архайы Æппæтадæмон ерыстæ «Робокласс»-ы «Эстафета»-йы дисциплинæйы.

Робототехникæйæ Æппæтадæмон ерысты архайынц 100 адæймаджы онг. 19 азы онг кæуыл цæуы, ахæм скъоладзаутæ æмæ студенттæ ерыс кæнынц 9 номинацийы. Афтæ рингыл фембæлынц дыууæ роботы – зондахасты æмæ технологиты тох. «Робокласс» сси Æппæтадæмон фестиваль «Робофинист»-ы æвзарæн къæпхæн. Ахæм ерыстæ Дзæуджыхъæуы цæуынц фыццаг хатт. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны скъолаты кусынц робототехникæйы 40 къласы. Ерыстæ саразæг Михаил Серебряков куыд зæгъы, афтæмæй афæдзæй – афæдзмæ фылдæр фæсивæды ргом здахынц.

«Робокласс» цæуы æртæ фæзы: «Кванториум»-ы, нымæцон ахуырады центр «IT-куб»-ы, стæй Национ музейы. Æппæтадæмон ерыстæ æххæстгонд цæуынц, национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæтты» фæлгæты.

Ерысты призертæ хорзæхджынгонд æрцæудзысты зынаргъ призтæй æмæ стыр финалмæ балцæй. Арæзт æрцæудзæн Санкт-Петербурджы фæззæджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania