филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:22 среда, 13 августа 2025
05 декабря 2024, 11:04
Дзæуджыхъæуы цæуынц хæдбар мæскуыйаг театр «Фирс»-ы гастрольтæ

Театрдзауты размæ хаст æрцыд спектакль «Не все коту масленница». Режиссер-æвæрæг у Муриты Алыксандр

Дзæуджыхъæуы цæуынц хæдбар мæскуыйаг театр «Фирс»-ы гастрольтæ. Театрдзауты размæ хаст æрцыд спектакль «Не все коту масленница». Режиссер-æвæрæг у Муриты Алыксандр. Островскийы пьесæтæм гæсгæ спектакльтæ 150 азæй фылдæр æнтыстджынæй æвæрд цæуынц бæстæйы алы сценæты. Дзæуджыхъæу дæр иуварс нæ баззад.  Чехойты Фатимæйæн ныхасы бар.

Спектакль «Не все коту масленница» æвæрд æрцыд Уырыссаг театры сценæйы. Залы уæгъд бынæттæ  нæ уыд. Фыццаг уысмæй фæстæмæ сюжет театрдзауты цымыдисы бафтыдта. Мæскуыйаг хæдбар театр «Фирс»-ы спектакльтæ хорз зонгæ сты Дзæуджыхъæуы цæрджытæн.

Музыкант, театр æмæ кинойы ирон актер  – афтæ йæхи амоны Гагиаты Руслан. Сценæмæ рахизгæйæ æрыгон лæппу йæ дæсныйадæй æлвасы йæхимæ театрдзауты. Муриты Алыксандр тырны, сценæйы къаддæр декорацитæ куыд уа, уымæ. Режиссерæн, фыццаджыдæр, актертæ сты театр, уый фæстæ та – иннæ хабæрттæ.

Островскийы пьесæтæм гæсгæ спектакльтæ 150 азæй фылдæр æнтыстджынæй æвæрд цæуынц бæстæйы алы сценæтыл. Дзæуджыхъæуы театруардзаутæ æрбацыдысты зындгонд классикы сфæлдыстадмæ радон хатт андзæвынмæ æмæ уарзон актерты дæсныйадыл бацин кæнынмæ.

Театр «Фирс»-ы репертуары ис 11 спектаклы. Алкæцыдæр дзы у театрдзаутæн зæрдæмæдзæугæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania