филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:42 воскресенье, 08 сентября 2024
26 июля 2024, 11:14
Дзæуджыхъæуы цæуынц теннисæй ерыстæ

Архайынц дзы 50 спортсмены

Дзæуджыхъæуы цæуынц теннисæй ерыстæ. Архайынц дзы 50 спортсмены. Нæ горæты спортивон фæзтæ суазæг кодтой Цæгат Кавказы федералон зылды æртæ регионæй минæвæртты: Стъараполы крайæ, Дагестанæй æмæ Кæсæг-Балхъарæй. Ерыс кæнынц дыууæ кары категорийы 13 æмæ 17 азы онг. Турнир райдыдта 21-æм июлы, знон та уыд æрдæгфиналты бон. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Хæдарцаты Аслæнбеджы номыл хъæбысхæсты академи дзуапп дæтты дунеон стандарттæн. Ерыстæ арæзт æрцыдысты, национ проект «Демографи»-йы федералон программæ «Спорт – царды нормæ» æххæст кæнгæйæ. Республикæйы теннисы федерацийы президент Беккуызарты Дианæ куыд загъта, афтæмæй спорты ацы хуыз Цæгат Ирыстоны кæны парахатдæр. Фылдæр лæппутæ æмæ чызджытæ райдыдтой секцитæм цæуын. Рæстæгæй-рæстæгмæ арæзт фæцæуынц алыхуызон турниртæ. Августы кæрон та нæм уыдзысты Æппæтуæрæсеон ерыстæ. Ацы турнир фæуыдзæн абон. Майдантæй дарддæр ма уæлахиздзаутæ райсдзысты Уæрæсейы спорты мастертæм кандидатты разряд.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania